Дзæгьындзæг ыл ныххудт: «Æндæр ран дæр æй афтæ байдзаг кæндзынæ æмæ стæй та кæдæм атæхдзынæ». Халон фенкъард, йæ уачъи йæ гуыры бынмæ æрæлхъывта, ныхъуынджын кодта йæхи, стæй батахт уасæгоймæ. Домдта ма дзы, цæмæй йын йæ ахстон ссæрибар кодтаид, фæлæ йын уый нал ракуымдта. Уымæн æй, зæгьгæ, не ссыгьдæг кодтон æмæ йæ дæуæн раттон. Стæй та дзы æйчытæ æрæфтыдта. Цалынмæ уый рахау-бахау кодта, уæдмæ сæрд ацыд, баззад хьæды æнæахстонæй. Ардыгæй та цыма цæуынц «Хъæды халонау иунæгæй», «Ацу, хъæды халонау иунæгæй баззай». Уæдæй фæстæмæ хъуахъгæнгæ тӕхы иу ранæй иннæ ранмæ, фесæфт йе ’нцойад, йæхицæн бынат нал ары. Фæсмонæй йæ былтæ нæмы, цæмæн фæсайды дæн, зæгъгæ. Диттутгæнаг халоны фæсайдта æмæ уый сайæн архайд та æппæт цъиуыл сæвæрдтой цъиуты сайд.
#таурӕгь
#фразеологизм